Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон продукци, фаронимæ абаргæйæ, 13% фæфылдæр
Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон продукци, фаронимæ абаргæйæ, 13% фæфылдæр. Рауад 4 млрд 940 милуан сомы. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Кавказы федералон зылды паддзахадон статистикæйы службæ. Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æппæт хæдзарæдты стурвосы нымæц майы кæронмæ уыд 94 мин сæрæй фылдæр, уый та фаронимæ абаргæйæ у 5,4% фылдæр. Зынгæ фæфылдæр хъæууонхæдзарадон продукци уæй кæныны бæрц дæр. Фыццæгæм июнмæ зæхкусджытæ хор æмæ халсартæ байтыдтой 71 мин гектарæй фылдæр, картоф - 4 гектарæй фылдæр, халсартæ - 2 мин гектармæ ’ввахс. Халсартæ, фаронимæ абаргæйæ, байтыдтой 7,1% фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон продукци, фаронимæ абаргæйæ, 13% фæфылдæр
Категория:
Новости и СМИ