Дзасохты Музаферы схорзæхджын кодтой «Ирыстоны намыс»-ы орденæй
«Ирыстоны намысы» орденæй хорзæхгонд æрцыд Дзасохты Музафер. Ирыстоны адæмон поэт, курдиатджын прозаик, тæлмацгæнæг, публицист, культурæйы сгуыхт кусæг æрæджы сбæрæг кодта йӕ 85 азы юбилей. Кадджын мадзал ацыд Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты. Æрымбырд сты, йе сфæлдыстадæн ын стыр аргъ чи кæны, уыдон. Се 'хсæн республикæйы хицауады æмæ фысджыты цæдисы уæнгтæ, Дзасохты Музаферы ӕмкусджытæ, хæлæрттæ, йæ бинонтæ. Уазджыты 'хсæн — Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Уым Дзасохты Музаферы схорзæхджын кодтой «Хæлардзинады орденæй». Уымæй уæлдай, Ирыстоны адæмон поэтӕн радтой «Æрыдоны районы кадджын цæрæджы» ном. Дзасохты Музафер райгуырд Бæрæгъуыны. 65 азы сфæлдыстадон куысты дæргъы йын бирæ æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ æмæ романтæ ныффыссын бантыст. Йæхи равдыста дæсны тæлмацгæнæгæй дæр. Музаферы куыстытæ мыхуыры рацыдысты 30 чиныджы. Бирæтæ дзы хаст æрцыдысты ахуыргæнæн чингуытæм. Куыста журнал «Ногдзау» æмæ газет «Молодой коммунисты» редакторæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv