Спорты галуан «Манеж» хъæуы бындуронæй рацаразын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

Спорты галуан «Манеж» у бындуронæй рацаразинаг. Æнусы 'рдæгæй фылдæр цалцæггонд нæ уыд. Уæдæй нырмæ дзы бирæ райхалинаг фарстатæ сæвзæрд. Ногæй баивын хъæуы бæстыхæйтты пъолтæ, объектӕн йӕ сæр. Уæдæ ифтонггæрзтæ дæр сты заууат уавæры. Спорты галуан «Манеж» бабæрæг кодта премьер Дзанайты Барис. Кусæг балцы хатдзæгты тыххæй ме 'мкусжæыты æрмæг. Алы æмвæзады ерыстæ — регионалон, æппæтуæрæсеон къæпхæныл. Спорты галуан «Манеж»-ы иу æмæ дыууæ хатты нæ ацыдысты егъау спортивон мадзæлттæ. Уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы кубок, Европæйы турнир боксæй, Уæрæсейы чемпионат фехтованийæ. Ацы хыгъд ис дарддæр æххæст кæнæн. Ныртæккæ спорты галуан хъæуы бындуронæй рацаразын. 47 азмæ дзы цалцæггæнæн куыстытæ нæ цыд. Аиуварс кæнинаг фарстатæ бирæ. Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн сæ радзырдта «Манеж»-ы директор Пхалæгаты Аслан. Ногæй баивын хъæуы бæстыхæйтты пъолтæ. Объекты сæр дæр ис æвзæр уавæры. Уæдæ ифтонггæрзтæ дæр заууатмæ æрцыдысты. Спорты галуаны рацарæзты проект цæттæ у. Бакуыстой йыл 2019-æм азы. Фæнд кæнынц бадæн бынæттæ 1 мин 200-йæ 1 мин 600-йы онг фæфылдæр кæнын. Сæрмагонд уавæртæ уыдзæн сæ 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы цæрджытæн дæр. Æртæ азы размæ арæзт проект уал нырыккон домæнтæм гæсгæ сног кæнын хъæуы. Республикæйы разамынд дзуаппдæттæг ведомствæтимæ иумæ архайынц объект 2023-æм азы федералон программæтæй иумæ бахæссыныл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv