Сергей Меняйло фембӕлд Ӕрыдоны районы цӕрджытимӕ
Сергей Меняйло фембӕлд Ӕрыдоны районы цӕрджытимӕ. Регионы разамонӕг сæ базонгӕ кодта муниципалитеты ног разамонӕг Илаты Маратимӕ. Æмбырды архайдтой республикон хицауады, стæй барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты минӕвӕрттӕ дæр. Районы депутаттӕ Илаты Мараты равзӕрстой 12-æм октябры сусӕг хъӕлӕс кӕныны руаджы. Сергей Меняйло зӕрдӕбынӕй раарфӕ кодта раздӕры разамонӕгæн йӕ хорз куысты тыххӕй. Сӕргълӕууӕджы уынаффæмæ гӕсгӕ, Мӕрзаты Владиславӕн радтой муниципалон службӕйы сгуыхт кусӕджы кадджын ном. Арфӕйы фыстӕгӕй ма фӕнысан кодтой бынӕттон администрацийы хайады хицау Лекъты Кристинӕйы дӕр.
Название:
Сергей Меняйло фембӕлд Ӕрыдоны районы цӕрджытимӕ
Категория:
Новости и СМИ