Пьер де Бомаршейы зындгонд уацмыс "Безумный день, или Женитьба Фигаро" Дзæуджыхъæумæ сласта Казаны С
Пьер де Бомаршейы зындгонд уацмыс "Безумный день, или Женитьба Фигаро" Дзæуджыхъæумæ сласта Казаны С
Уарзондзинады æнкъарæнтæ, цымыдисаг сюжет æмæ хи амондыл тох. Пьер де Бомаршейы зындгонд уацмыс "Безумный день, или Женитьба Фигаро" Дзæуджыхъæумæ сласта Казаны Стыр драмон театр. Йæ режиссер-æвæрæг у Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг Александр Славуцкий. Комеди рауад рæсугъд, ирд æмæ бæрæгбонхуыз. Сæйраг рольтæ дзы ахъазыдысты Татарстаны адæмон артисттæ Илья Славутский æмæ Алена Козлова. Æппæтуæрæсеон фестиваль "Вахтангов. Путь домой"-йы архайдæй Казаны драмон театр сæхгæдта театралон сезон.