Уæрæсейы Гвардийы оркестр арфæ ракодта ацæргæ адæмæн
Дзæуджыхъæуы Уæрæсейы Гвардийы оркестр арфæ ракодта ацæргæ адæмæн. Ивгъуыд бæрæгбоны фæлгæты се сфæлдыстадимæ базонгæ кодтой республикон хæдзар-интернат «Узæлд»-ы карджын адæмы. Акодтой рагон хъуыстгонд зарджытæ, Уæрæсейы æмæ фæсарæйнаг эстрадæйы мелодитæ. Ацæргæ адæм сæ тынг фæбузныг сты, се ’ргом сæм кæй раздæхтой æмæ сын ахæм лæвар кæй бацæттæ кодтой, уымæй. Музыкалон изæрæн йæ кæронбæттæны хæдзар-интернат «Узæлд»-ы администраци арфæйы гæххæт радта оркестры дирижерæн, алкæддæр сæ фарсмæ кæй æрбалæууынц æмæ сæ кæй бахъæлдзæг кæнынц, уый тыххæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы Гвардийы оркестр арфæ ракодта ацæргæ адæмæн
Категория:
Новости и СМИ