Æрыдоны æмæ Къостайыхъæуы бындуронæй цалцæг кæнынц социалон объекттæ
Æрыдоны æмæ Къостайыхъæуы бындуронæй цалцæг кæнынц социалон объекттæ. Æрыдоны Культурæйы хæдзармæ бирæ азты дæргъы æвнæлд нæ уыд. Ныр куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Стырдæр сценæ, репетицион зал, дарæс кæм ивой, ахæм уат. Иууылдæр цæттæ уыдзысты тагъд рæстæджы. Къостайыхъæуы та цалцæг кæнынц скъола. У дыууæ хайæ. Ам дæр кусынц æнæрлæугæйæ. Зарæггæнджытæ, фæндырдзæгъдджытæ æмæ артисттæ аивады фыццаг къахдзæфтæ цы бæстыхайы акодтой, уыцы Культурæйы хæдзар ныр бындуронæй цалцæг кæнын райдыдтой. Абоны онг æм æвнæлд нæ уыд. Æрмæст-иу кусджытæ æмæ ныййарджытæ сæхи хъарутæй базылдысты бæстыхаймæ. Ныридæгæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Дыууæ мæймæ баивтой бæстыхайæн йæ цар, къултæ кирпичы онг ныххафтой, райдыдтой сæ сæрдын. Куыстытæ æххæст кæнынц æртæ бригады. Æдæппæтæй сты 15 адæймаджы. Иутæ кæнынц мидæггаг куыстытæ, иннæтæ – æддаг, æртыккæгтæ та – дондзæуæн хæтæлтæ ивынц. Фæзындзæн дзы ног райдзаст сцена, репетицион зал, сывæллæттæ сæ дарæс кæм ивой, ахæм уат. Пъланмæ гæсгæ куыстытæ хъуамæ фæуой ацы аз. Цы аивадон къордтæ дзы уыдзæн, уыдон сты алыхуызон. Сывæллæттæн аразынц алцыдæр, цæмæй аивадмæ разæнгард кæной. Къостайыхъæуы та бавнæлдтой скъолайы цалцæгмæ. Райдайæн кълæсты бæстыхай кæнынц бындурон цалцæг. Ивд æрцыдысты цар, къултæ, пъолтæ æмæ рудзгуытæ. Хистæр кълæсты ахуырдзаутæ кæм ахуыр кæндзысты, уыцы хаймæ дæр зилынц. Къостайыхъæуы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ фæуыдзысты августы кæрон. Æппæтдæр – сывæллæтты ахуырадæн. Цæмæй сæ фидæн уа райдзаст æмæ ирд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны æмæ Къостайыхъæуы бындуронæй цалцæг кæнынц социалон объекттæ
Категория:
Новости и СМИ