2021-æм азы кæронмæ Цæгат Ирыстоны фæзындзæн, зæххæнкъуыстæн чи фæраздзæн, ахæм социалон объекттæ
2021-æм азы кæронмæ Цæгат Ирыстоны фæзындзæн, зæххæнкъуыстæн чи фæраздзæн, ахæм социалон объекттæ. Се `хсæн сывæллæтты рæвдауæндæттæ, скъолатæ æмæ бирæуæладзыгон хæдзарттæ. Куыстытæ баххæст кæндзысты сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодта, республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Моргуаты Константин. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй цалцæггонд æрцæудзæн Ногиры 1-æм скъола. Программæмæ гæсгæ ма дыууæ ног рæвдауæндоны фæзындзæн Заводы поселочы. Алкæцыйы дæр бынат уыдзæн 280 сабийæн. Бæстыхæйттæ уыдзысты дыууæ уæладзыгонтæ. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы, Тельманы номыл уынджы аразынц бирæуæладзыгон хæдзар. Эксплуатацийы йæ ратдзысты 2021-æм азы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
2021-æм азы кæронмæ Цæгат Ирыстоны фæзындзæн, зæххæнкъуыстæн чи фæраздзæн, ахæм социалон объекттæ
Категория:
Новости и СМИ