Лагкуты Иранбег 40 азы дæргъы кусы футболон тренерæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

Спорт у йæ царды ахсджиагдæр, уарзондæр хай. Лагкуты Иранбег футболон тренерæй кусы ныр 40 азы. Ацы спорты хуызимæ баст кæй уыдзæн йæ цардрхайд, уый йæхицæн сбæлвырд кодта суанг йæ сабибонты. Абон йæ хъомылгæнинæгтæ сæ тыхтæ æвзарынц дунеон æмвæзадыл. Уымæй уæлдай, сты футболон академитæ æмæ профессионалон клубты хыгъды. Ацы фæсивæдæй алкæй бæллиц дæр у - æппæты бæрзонддæр æмвæзадыл хъазын. Лæппутæ æппынæдзух кусынц сæ райрæзтыл. Хъæугæ фадæттæ дæр сын ис. Сæ тренировкæтæ вæййынц къуыри фондз хатты дыууæ сахатæй фылдæр. Датеты Сæрмæт футболæй архайы ныр цыппар азы. Иу тренировкæ дæр никуы фæцух кодта. Лагкуты Иранбег спортивон тренерæй кусы ныр 40 азы дæргъы. Футбол йæ царды кæддæриддæр ахсджиаг бынат ахста. Ныр дæр йæ зæрдыл æрлæууы, йæ хæлæрттимæ иу сабийæ къæвда боны дæр куыд хъазыдысты, уый. Футболмæ уарзондзинад лæвар кæны йæ хъомылгæнинæгтæн дæр. Лагкуты Иранбеджы командæтæ Уæрæсейы номæй фæархайынц дунейы æмвæзады турнирты. Уыдысты Франци æмæ Хуссар Африкæйы. Æрвылаз сæхи æнтыстджынæй равдисынц Уæрæсейы горæтты. Æнтыстдзинæдтæ æмæ уæлахизтæ сæм бирæ ис. Фæлæ тренеры ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр у, цæмæй сæ хорз лæгтæ рауайа - бæрнон æмæ фæзминаг. Лагкуты Иранбег нымад у республикæйы фæлтæрдджындæр тренертæй иуыл. Йæ хъомылгæнинæгты йын æппынæдзух хонынц футболон академитæм, спортивон скъолайы рауагъдонтæ та хъазынц профессионалон клубты. Тренер æмæ йæ командæ иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой, футбол - хуымæтæджы хъазт кæй нæу. Фидæнмæ та сæм ис ноджы фылдæр фæндтæ. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv