Адæмон сфæлдыстады æрмдæсныты равдыст байгом Дзæуджыхъæуы
Адæмон сфæлдыстады æрмдæсныты равдыст байгом Дзæуджыхъæуы. Ацы аз æй снысан кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы кадæн. Мадзалы архайынц нывгæнджытæ, адæмон æрмдæснытæ куыд республикæйы районтæй, афтæ Уæрæсейы регионтæй дæр. Хуссар Ирыстон бацæттæ кодта «Спасибо за жизнь», зæгъгæ, равдыст. Баст у сæ райгуырæн зæххы рæсугъд æмæ хъæздыг æрдзимæ. Экспозициты `хсæн равæрдзысты национ уæлæдарæс, куклатæ, ирон кæлмæрзæнтæ, национ хæцæнгарзы хуызтæ, сызгъæрин алдымбыдтæ æмæ сылгоймаджы сызгъæрин дзауматæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Адæмон сфæлдыстады æрмдæсныты равдыст байгом Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ