Фермертæн гранттæн 95 милуан сомæй фылдæр рахай кæндзысты 2020 азы
Фермертæн гранттæн 95 милуан сомæй фылдæр рахай кæндзысты 2020 азы. Уыдонæй 94 милуанæй фылдæр уыдзысты федералон бюджетæй, 1 милуаны бæрц та республикæйы бюджетæй. Уый тыххæй хъусын кæнынц хъæууон-хæдзарады æмæ хойраджы министрадæй. Цæгат Ирыстонæй конкурсы бацархайынмæ сæ курдиæттæ балæвæрдтой 42 адæймаджы. Уыдонæй 16 сты хъæууон-хæдзарадон кооперативты архайджытæ. Æдæппæтæй конкурсмæ бауагътой 38 адæймаджы. Ныртæккæ конкурсы къамисы уæнгтæ бæрæг кæнынц, проектмæ гæсгæ архайджытæ цы ран кусдзысты, уый. Афтæмæй сбæлвырд кæндзысты, конкурсы бацархайынмы цы гæххæттытæ балæвæрдтой, уыдоны æцæгдзинад. Цы хаттдзæгтæ рахæссой, уыдонмæ гæсгæ равзардзысты, грант кæмæн æмбæлы, уыдоны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фермертæн гранттæн 95 милуан сомæй фылдæр рахай кæндзысты 2020 азы
Категория:
Новости и СМИ