Цæгат Ирыстоны райдыдтой парти «Иугонд Уæрæсе» йы рагагъоммæ æвзæрстытæ
Цæгат Ирыстоны райдыдтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы рагагъоммæ æвзæрстытæ. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзысты Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ æмæ æндæр æвзарæн кампаниты хъæлæс кæныны иумæйаг боны - 19 сентябры партийæ чи архайдзæн, уыдон. Æвзæрстыты архайджыты бон у сæ гæххæтытæ бадæттын апрелы кæронмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой рагагъоммæ æвзæрстыты регионалон цæттæгæнæн комитеты фыццаг æмбырды. Йæ уæнгты 'хсæн сты куыд партийы минæвæрттæ, афтæ æхсæнадон кусджытæ, бархионтæ, фæсивæдон организацитæ æмæ дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ. Сæ хæс у æвзæрстыты рæстæг архайын, цæмæй æнæ закъонхæлдтæй ацæуой. Схъæлæс кæныны бар уыдзæн йæхи чи фæнысан кодта, уыдонæн се 'ппæтæн дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны райдыдтой парти «Иугонд Уæрæсе» йы рагагъоммæ æвзæрстытæ
Категория:
Новости и СМИ