Дзæуджыхъæуы администраци расидт сæрмагонд конкурс
Ног азы бæрæгбонмæ йæ хæдзар чи рæсугъддæр саив кæндзæн. Ахæм сæрмагонд конкурс расидтысты Дзæуджыхъæуы. Бацархайыны фадат дзы ис алкæмæн дæр. Æдæппæтæй 3 номинацимæ гæсгæ. Фыццаджыдæр, кæсдзысты, цы аивгæнæн хъуыдыдтæ фæзынд адæммæ æмæ сæ куыд равдыстой, стæй ма чи хуыздæр разындзæн, уымæ. Конкурсы бацархайыны тыххæй фото æмæ видеоæрмæджытæ хъæуы æрбарвитын 1 декабрæй 31 декабры онг горæты администрацийы культурæйы разамынды официалон сайтмæ. Хуыздæр чи банывыл кæндзæн бæстыхай, уымæн аргъ кæндзæн сæрмагонд къамис. Конкурс ныридæгæн арæзт цæуы 4-æм хатт. Хатдзæгтæ ныммыхуыр кæндзысты газет «Владикавказ»-ы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы администраци расидт сæрмагонд конкурс
Категория:
Новости и СМИ