Цæгат Ирыстоны æрцахстой хæдтулгæтæ давæджы
Цæгат Ирыстоны æрцахстой хæдтулгæтæ давæджы. Куыд рабæрæг, афтæмæй 1985-æм азы гуырд нæлгоймаджы аххосджын кæнынц зынаргъ хæдтулгæты дæвдтыты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй-иу закъонхалæг давды рæстæг ахуыссын кодта хæдтулгæйы сигнализаци. Уый руаджы-иу æнцонтæй байгом кодта машинæйы дуæрттæ. Давд хæдтулгæтæ-иу æмбæхста бæрæг бынаты. Уый фæстæ-иу сæ исты хуызты уæй кодта адæмæн. Фыдгæнæджы бархалæн митæн сæ иумæйаг зианы бæрц у æхсæз милуан сомы. Ныртæккæ барадхъахъхъæнæн оргæнтæ йæ ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны æрцахстой хæдтулгæтæ давæджы
Категория:
Новости и СМИ