Уæлæмхасæн ахуырады хъомылгæнæг Юлия Тимина аразы бæмбæгæй хъазæнтæ
Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар афæдз размæ райдыдта цымыдисаг куклатæ кæнын. Аразы сæ бæмбæгæй. Йæ арæхстдзинадæй Юлия Тимина хай кæны сывæллæттæн дæр сфæлдыстадон къорды. Дæсныйы куыстыты иу хай фенæн ис Тугъанты Махарбеджы номыл музейы. Йæ куысты сусæгдзинæдтæ нæ бамбæхста нæ уацхæссæгæй дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Уазиты Зæлинæ. Ахæм сусæгдзинæдтæй пайда кæны дæсны Юлия Тимина заз бæласы хъазæнтæ кæнгæйæ. Куклатæ аразы авд азæй фылдæр. Бæмбæгимæ кусы афæдз. Сабитимæ аив сурæттæ æрхъуыды кæнынц сфæлдыстадон æмхæларад «Мастеррская чудес»-ы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Юлия куыд зæгъы, афтæмæй бæмбæгæй хъазæнтæ саразын къухы уайтагъд нæ бафтыд. Иу хъазæн саразыныл ацæуы 3-4 боны. Хъуыддаг сæ æнцондæртæй нæу. Фыццаджыдæр уал ын сцæттæ кæнын хъæуы йæ каркас телæй. Уый фæстæ — бæмбæг æмæ клейстер. Уый нымад у рагон техникæйыл. Фæстæдæр та райдайынц ахорын. Æппæт ацы хъуыддæгтæ саразын къухы бафты æрмæст хорз зæрдæйы ахастимæ. Уæд райгуырынц ног хъуыдытæ. Уыдон дæр цардмæ рахæссæм. Куысты хатдзæгтæ — чыргъæды 30 хъазæны бæмбæгæй. Сæ иу хай сын равæрдтой Тугъанты Махарбеджы номыл музейы. Уæдæ Юлия йæ куыстытæ арвитдзæн наукон иртасджыты конкурс «Ступень в науку»-мæ. Æркаст ацæудзæн январы кæрон. Юлия Тимина ууыл æрлæууынмæ нæ хъавы. Æрыгон дæсны кусы бæмбæгæй куклаты коллекци саразыныл. Снысан сæ кæндзæн советон мультипликацион нывтæм гæсгæ. Сæ иу ныридæгæн бæрæг у — «Мойдодыр». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv