Хицауады ӕмбырд ацыд Дзанайты Барисы амындӕй
Хицауады уæнгтæ ныхас кодтой скъолаты æмæ рæвдауæндæтты бындурон цалцæг ӕмӕ ӕмхардз арæзтадыл. Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис. Абоны онг реестры ис 4 цалцӕггӕнинаг бирæуæладзыгон хæдзары. Афæдзы кæронмæ фарста хъуамæ райхалой. Куыст цæуы скъолаты æмæ рæвдауæндæтты рацарæзтæн проектон-хыгъдон гæххæттытæ бацæттæ кæныныл. Бæрнон кусджытæ дзырдтой ацæргæ адæм æмæ инвалидтæн хæдзар-интернат саразыныл Дзæуджыхъæуы. Ацы хъуыддагмæ æргом здæхт цæуы федералон æмвæзадыл.