Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацæудзæн «Профессионалон æфтиæгты хъалон»
24-æм июлæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацæудзæн «Профессионалон æфтиæгты хъалон». Пайда дзы кæндзысты, хи куыст чи кæны, ахæм адæймæгтæ. Бæлвырддæр дзургæйæ та, арæзтад æмæ цалцæггæнæн куыстытæ чи кæны, йæхи кондад чи уæй кæны, уыдон. Ныхас цæуы хиаивгæнæн лæггад хæдзары чи кæны, бæлццæттæ æмæ уæззæуттæ ласæн куыст, видео æрмæджытæ æмæ къамтæ чи исы, уыцы адæймæгтыл. Хъалоны руаджы сын бар уыдзæн закъонмæ гæсгæ кусын. Ивартæй сын тас нал уыдзæн. Уыимæ æфтиæгтæ афæдзмæ 2 милуан æмæ 400 мин сомæй фылдæр хъуамæ ма уой. Хъалон фиддзысты льготæты хуызы, йæ нымæцæвæрд 4% кæмæн у, ахæм. 6% та, юридикон бæрнондзинад кæмæ ис æмæ амалхъом адæймагыл нымад чи у, уыдонæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацæудзæн «Профессионалон æфтиæгты хъалон»
Категория:
Новости и СМИ