Хицауады хæдзары радон æмбырды фæлгæты æрдзырдтой ахсджиаг фарстатыл
10 мартъийæ фæстæмæ нæ регион исын райдайдзæн йæ цæрæн хæдзæрттæ æнæбары чи ныууагъта уыцы адæмы Донбасс æмæ Луганскы адæмон республикæйæ. Фарстайы фæдыл сараздзысты сæрмагонд оперативон штаб. Æдæппæтæй республикæйы пансионатты суазæг кæндзысты мин адæймаджы онг. Хицауады хæдзары æргом аздæхтой эпидемиологон уавæрмæ дæр. Коронавирусæй ног рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны фæкъаддæр 5,6%. Уый тыххæй фехъусын кодта сæйраг санитарон дохтыр Тыбылты Алан. Рынчындæттæм æххуысагур чи æрбацæуы уыдоны нымæц 38% æрхауд. Вице-премьер Александр Реутовы ныхæстæм гæсгæ нæ республикæмæ Мæскуыйæ ссыд дохтырты бригадæ. Сæ сæйраг нысан республикæйы рынчындæттæн методикон æххуыс бакæнын. Аппаратон æмбырды ма дзырдтой ног трамвайтæ æлхæныны фарстайыл. Ног транспорт исыны механизмыл бакусын хицауады сæрдар Дзанайты Барис бабар кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv