Фадзайты Æхсарбег фембæлд разамынддæттæг компаниты разамонджытимæ
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег фембæлд республикæйы разамынддæттæг компаниты хицæуттимæ. Фембæлды ма архайдтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады минæвæрттæ, арæзтадон-архитектурон паддзахадон цæстдарды службæйы специалисттæ. Æрныхас кодтой разамынддæттæг компаниты архайд æмæ хæдзæртты цæрджытæн лæггæдты хæрзхъæддзинадыл. Уыимæ ма æрдзырдтой бирæуæладзыгон хæдзары лæггæдты аргъыл æмæ цæрджытæ фиддонтæ куыд æххæст кæнынц, ууыл. Фæнысан ма кодтой эксплуатацийы фарстатæ æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады хызæгтæй æнæзылд чи сты, уыдон. Фадзайты Æхсарбег куыд загъта, афтæмæй разамындæттæг компаниты фарстатæм æргом здæхт уыдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv