Горæтгæрон районы уыд Цæгат Ирыстоны хицауады радон æмбырд
Горæтгæрон районы 20 хъæуы 1 мин 376 хæдзармæ бауадзын хъæуы æрдзон газ. Куыстытæ баххæст кæндзысты нæ бæстæйы президенты уынаффæмæ гæсгæ. Снысан ма кæндзысты газ уадзыны фарстаты фæдыл штаб. Æмбырды архайджытæ ма дзырдтой фиддонты æмвæзадыл дæр. Тускъаты Таймураз бабар кодта бæрæггæнæнтæ фæфылдæр кæнын. Æмбырды ма дзырдтой районы социалон-экономикон райрæзты бæрæггæнæнтыл дæр. Районты сæргълæуджыты ныхæстæм гæсгæ хъæууон-хæдзарадон продукцийы нымæц фæкъаддæр. Фыццаджыдæр уый аххосагыл нымайынц стурвосы нымæц кæйфæкъаддæр, уый. Тускъаты Таймураз дзуапдæттæг министрадæн бабар кодта хъæууон-хæдзарады куысты райрæзты æууæлтæм æркæсын. Æмбырды дзырдтой федералон проекттæ æмæ нацпроекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Нацпроектты фæлгæты Горæтгæрон районы аразынц ног социалон объекттæ. Ацы аз сæ нымæц у 12. Ныхас цæуы Куырттаты хъæуы спортивон залы бындурон рацарæзтыл. Уым æмæ Майское поселоччы культурæйы хæдзары куыстытæн се 'рдæг кæронмæ фæци. Премьер бабар кодта, куыстытæ бæлвырд æмгъуыдмæ фæуын, сæ хæрзхъæддзинадмæ та фау æрхæссæн куыд нæ уа, афтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv