Кæронмæ æрхæццæ æрыгон спортсменты æвзæрст футболы академи «Алани»-мæ
Кæронмæ æрхæццæ æрыгон спортсменты æвзæрст футболы академи «Алани»-мæ. Æвзарæн æркаст цыд, 12-æй - 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппуты ’хсæн. Йæ спортивон арæхстдзинад чи равдыста, уыцы фæсивæд архайдтой алыхуызон фæлтæрæнты. Æвзæрстыты фæстæ алы кармæ гæсгæ баззад фæйнæ 20 спортсмены, æдæппæтæй сæдæ. Спортсментимæ æмæ сæ ныййарджытимæ фембæлыд спорты министр Хуыгаты Алан æмæ Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур. Хуыгаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, лæппутæ футболæй хъаздзысты, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм уавæрты. Академимæ бахауын у фыццаг къахдзæф. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кæронмæ æрхæццæ æрыгон спортсменты æвзæрст футболы академи «Алани»-мæ
Категория:
Новости и СМИ