Ацы азы кæронмæ Цæгат Ирыстоны рацараздзысты 23 фæндаггон объекты æмæ 3 хиды
Ацы азы кæронмæ Цæгат Ирыстоны рацараздзысты 23 фæндаггон объекты æмæ 3 хиды. Афтæмæй та национ проектмæ гæсгæ æдæппæттæй сцалцæг кæндзысты фæндаггон хæдзарады 54 объекты. Ныридæгæн куыстытæ фесты 31 объекты. Хидтæй иу цæуы Камбилеевскæйы уылты Мæздæг-Черменыхъæу-Дзæуджыхъæуы фæндаджы 78-æм километрыл, иннæ та - Октябрьское - Тарское фæндаджы 9-æм километрыл. Специалисттæ аивдзысты хидты цæджындзтæ. Уыдон арæзт æрцыдысты ивгъуыд æнусы 50-йæм азты, æмæ ныр æдасдзинады домæнтæн дзуапп нал дæттынц. Уæлдай тæссагдæр сты уæзласæн машинæтæ. Черменыхъæумæ бацæуæны хидæн йæ дæргъ уыдзæни 41 метры. Ивд æрцæудзæн, йæ цуры цы фæндаджы хай ис, уый дæр. Нырмæ бынтон æдас нæ уыди. Куыстытæ тагъд райдайдзысты Тарскæмæ бацæуæны дæр. Ам та фæзындзæни 23 метры дæргъæн ног хид. Арæзтадон куыстытæ иууылдæр куы фæуой, уæд фæндаджы ацы уадздзæгтæ суыдзысты æдасдæр æмæ райдзастдæр. Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгты» фæлгæты цалцæггæнæн куыстытæ ацæудзысты нæ бæстæйы 83 объекты, 104 горæты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ацы азы кæронмæ Цæгат Ирыстоны рацараздзысты 23 фæндаггон объекты æмæ 3 хиды
Категория:
Новости и СМИ