COVID-19-æй рынчынты нымæц Хуссар Ирыстоны къаддæр кæны
COVID-19-æй рынчынты нымæц Хуссар Ирыстоны къаддæр кæны. Уыимæ ма низы ныхмæ мадзæлттæ дарддæр æххæстгонд цæуынц. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджытæм цæстдарды службæйы разамонæг Кочиты Маринæ. Ныртæккæ районты рынчындæтты ис 87 пациенты. Цхинвалы рынчындоны инфекцион корпусы 41адæймаджы, сывæллæтты рынчындоны 37, уыимæ реанимацийы æртæ рынчны. Пандемийы райдианæй Хуссар Ирыстоны скодтой 12 692 лабораторон тесты. Иртæстытæм гæсгæ коронавирус рабæрæг кодтой 2 262-мæ. Зæгъын хъæуы, уый æмæ 15 сентябры онг, ковидæй хæдбар паддзахады фæрынчын æрмæст 90 адæймаджы. Низ апарахат арæнтæ куы байгом сты, уæд. Ныртæккæ суткæмæ тæссаг низ раиртæстой 15 адæймагмæ. Сæ фылдæр сты ацæргæ адæм. Республикæйы сæйраг санитарон дохтыры хъуыдымæ гæсгæ низ къаддæр кæны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
COVID-19-æй рынчынты нымæц Хуссар Ирыстоны къаддæр кæны
Категория:
Новости и СМИ