Дзæуджыхъæуы ацыд æппæтуæрæсеон акци «Урок цифры», зæгъгæ
Æнæ стыр хæрдзтæй кондады хъомысыл бакусын. Уыцы хъуыддаджы цавæр мадзæттæй пайда кæнын хъæуы? Уый тыххæй абон дзырдтой нымæцон урочы рæстæг. Амыдта йæ информацион технологитæ æмæ бастдзинады управленийы разамонæг Сæлбиты Алан. Æппæтуæрæсеон акци скъоладзаутæн фадат дæтты, ныры дуджы нымæцон технологитæ куыд вазыгджын æмæ ахадгæ сты, уый базонынæн. Хъазæн хуызы ахуырдзауты зонгæ кодтой программæтæ фыссыны сусæгдзинæдтимæ. Видеобастдзинады фæрцы скъоладзаутимæ аныхас кодта нымæцон кондады фарсхæцджытæй иу - Алексей Боровков. Сывæллæтты фæрстытæй иу дæр æнæ дзуаппæй нæ баззад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы ацыд æппæтуæрæсеон акци «Урок цифры», зæгъгæ
Категория:
Новости и СМИ