Мæздæджы районы цæстфæлдахæджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Мæздæджы районы цалдæр цæрæджы дистанцион хуызы цæстфæлдахджыты ахæсты кæй бахаудысты, уый фæдыл тæрхондонмæ æрвыст æрцыд уголовон хъуыддаг. Гуырысхо кæнынц 41-аздзыд Тюмены цæрæгыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй закъонхалæг æбæрæг номыртæм дзырдта чырæ телефонæй, йæхи-иу бацамыдта куыд хи хæстæг, афтæ. Йæ хъусынгæнинаджы-иу фæхабар кодта, цавæрдæр бæллæхы кæй бахауд, зæгъгæ. Уый фæстæ-иу ногæй æрбадзырдта уыцы адæймагмæ æндæр номыртæй, йæхи сын-иу бацамыдта куыд пъæлицæйы, кæнæ прокуратурæйы кусæг. Зæрдæ-иу сын бавæрдта, се ’хцайы руаджы баххуыс кæнæн кæй ис, уымæй. Афтæ-иу 50 мин сомæй 155 мин сомы онг расайдта цæрджытæй. Оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæг пъæлицæйæгтæ сбæрæг кодтой, банчы картæтæй адæм цы хыгъдтæм æрвыстой се ’ хца, уый. Закъонхалæджы уайтагъд æрцахстой. Пъæлицæйæгты ныхæстæм гæсгæ, æдæппæттæй ахæм хуызы адæмæй расайдта 700 мин сомы. Ныридæгæн сгарæн мадзæлттæ кæронмæ фесты. Уголовон хъуыддаг 159 статьямæ гæсгæ бафыста прокуратурæ. Хъуыддаг арвыстой тæрхондонмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæздæджы районы цæстфæлдахæджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг

Категория:

Новости и СМИ