Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткæмæ коронавирус рабæрæг 34 адæймагмæ
Хуссар Ирыстоны 15 январмæ скъолатæ уыдзысты карантины. Уый нæ хауы райдиан кълæсты ахуырдзаутæм. Ахуыргæнæндæттæ, уæлæмхасæн ахуырады кусæндæттæ дæр уæдæ уыдзысты æхгæд. Культурон мадзæлттæ аразыны бар оперативон штаб радта, кусынц хæрæндæттæ дæр. Пандемийы райдианæй нырмæ ковидæй фæрынчын 2 206 адæймаджы. Уыдонæй 1 377 сдзæбæх сты. Коронавирусæй дзы ивгъуыд суткæмæ фæрынчын 34 адæймаджы. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджытæм цæстдарды службæйы разамонæджы хæдивæг Гаглойты Аннæ. Суткæмæ хыгъдæй систой 44 адæймаджы. Дохтыртæ сæ цæст кæмæ дарынц, уыдоны нымæц у 829. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткæмæ коронавирус рабæрæг 34 адæймагмæ
Категория:
Новости и СМИ