Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты Гуырдзыбеты Блашкайы
Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты, дыгуронау чи фыста, уыцы фыццаг поэт Гуырдзыбеты Блашкайы ном. Йæ райгуырæн боны фæдыл ацыдысты кадджын мадзæлттæ. Блашка нымад у дыгурон литературæйы бындурæвæрæгыл. Республикæйы хистæрты хъæппæрисмæ гæсгæ, Блашкайы кадæн фыццаг хатт суагътой салют Дыгургомы. Скъолаты йын бакастысты йæ уацмыстæ. Æрæфы районы сарæзтой мысæн изæр номдзыд поэты кадæн. Мадзæлттæ саразын бантыст Хидирты Батраз æмæ Хъазыбегты Георгийы æххуысæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты Гуырдзыбеты Блашкайы
Категория:
Новости и СМИ