Коронавирусæй Цæгат Ирыстоны ноджы 2 адæймаджы амард
Коронавирусæй Цæгат Ирыстоны ноджы дыууæ адæймаджы амард. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Ивгъуыд суткæмæ рынчынтыл бафтыд 70 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц у 7 617. Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 1 242 адæймаджы. Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны ис 587, COVID-мæ 28-æй, реанимацийы 57 адæймаджы, аппаратты фæрцы улæфынц 8-æй. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 600 адæймаджы. Коронавирус дзы ис 52-мæ. Реанимацийы хайады 55 рынчыны. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны та 28 сывæллоны æмæ 8 хистæр кары адæймаджы. 16 сывæллоны æмæ 6 хистæрмæ рабæрæг кодтой коронавирус. Рахизфарсы районы дзæбæхгæнæндоны ис 19 адæймаджы. Тæссаг низ дзы рабæрæг 8-мæ. Æвзæр эпидемиологон уавæр кæй сæвзæрд, уый тыххæй Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фæсидт адæммæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусæй Цæгат Ирыстоны ноджы 2 адæймаджы амард
Категория:
Новости и СМИ