Ныййарæджы ном бæрзонд хæссы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Мад уæвын у стыр бæрнондзинад, æвæллайгæ кусын æмæ æнувыдæй сывæллæттыл аудын. Нæй сыгъдæгзæрдæдæр, фæлмæндæр ахастытæ саби æмæ мады ‘хсæн ахастытæй. Мадæлты æппæтдунеон боны фæдыл не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта Дарчиты бирæсывæллонджын бинонтæ Суададжы. Бакæсæм йе рмæгмæ. Дарчиты хæдзары æнкъард никуы вæййы. Сабитæ иумæ æрæмбырд вæййынц къæбицы, æмæ цалынмæ цайдан æхсиды, уæдмæ кæрæдзийæн фæдзурынц сæ боны ахсджиагдæр цаутæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй мады къухæй конд хæринæгтæ æппæтæй хæрзаддæр вæййынц. Хистæр сывæллон кæддæриддæр йæ хъус дары кæстæртæм, æхуыс сын кæны алы хъуыддаджы дæр. Дарчитæ сты рæсугъд, хъæлдзæг бинонтæ. Хъомыл кæнынц цыппар сывæллоны. Æртæ лæппуйы æмæ иу чызджы. Цæуы сыл иуæндæс, авд, фондз æмæ кæстæрыл дыууæ азы. Жаннæйæн иттæг хорз уайы уыцы иу рæстæг сывæллæтæм дæр хъус дарын æмæ кусын дæр. Кусы афтекы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ кæдфæндыдæр бæллыд стыр бинонты хсæн цæрын. Иутæ зæгъдзысты, зæгъгæ, цыппар сывæллоны хъомыл кæнын, æвæццæгæн, у зын. Дарчитæ та уыцы хъуыдыимæ разы не сты. Æнцонтæй кæнынц сæ цоты ахуырад æмæ хъомылады куыст. Сывæллæттæ архайынц спортæй дæр. Сабитæн сæ боны уарзондæр хай у, нанаимæ цы рæстæг арвитынц, уый. Иумæ фæкæсынц мультипликацион кинонывтæм, фæхъусынц аргъæуттæ æмæ таурæгътæм. Тамарæ йæ чындзимæ цæры кæрæдзи æмбаргæйæ. Дарчиты бинонтæ иумæ цæрынц 13 азы. Зæгъынц, зæгъгæ, сæйрагдæр у кæрæдзи æмбарын æмæ кæрæдзийæн аргъ кæнын. Уæд зындзинæдты сæрты ахизын дæр æнцондæр у. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ныййарæджы ном бæрзонд хæссы

Категория:

Новости и СМИ