Архонкæйы 1-æм скъолайы ацыд арæнхъахъхъæнджыты æвзонг хæлæртты бæрæгбон
Архонкæйы 1-æм скъолайы ацыд арæнхъахъхъæнджыты æвзонг хæлæртты бæрæгбон. Цыппæрæмкъласонтæ кадджын уавæры ард бахордтой. Сæ фарсмæ сæ ныййарджытæ, педагогтæ æмæ арæнхъахъхъæнæн службæйы ветерантæ. Сывæллæттæ мадзалмæ бацæттæ кодтой бæрæгбоны программæ: зарджытæ, æмдзæвгæтæ æмæ сæ æнтыстдзинæдтимæ видеоæрмæджытæ. Концерты фæстæ скъоладзаутæ ард бахордтой æмæ райстой æвдисæндартæ. Арæнхъахъхъæнджыты æвзонг хæлæртты кълæстæ гом кæнынц республикæйы æппæт районты. Мадзаларазджытæ нысан кæнынц, ахæм фембæлдтытæ æххуыс сты сывæллæтты патриотизмы бындурыл хъомыл кæнынæн, бæрнон уæвынæн æмæ Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджытæн аргъ кæнынæн.
Название:
Архонкæйы 1-æм скъолайы ацыд арæнхъахъхъæнджыты æвзонг хæлæртты бæрæгбон
Категория:
Новости и СМИ