Куыстуат «Молоко осетии» йы уаддзысты цыхты 10 хуызы
Куыстуат «Молоко Осетии» фæнд кæны цыхты куыст кæнын. Зæрдæ æвæрынц цыхты 10 хуызы ахсынæй. Ныртæккæ æвæрынц хъæугæ кусæнгарзтæ. Ног кондадæн уыдзæн йæхи хъомыс. Цех кусын райдайдзæн сентябры. Куыстуат бабæрæг кодта республикæйы хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цалдæр азы размæ стурвосы нымæц республикæйы фæкъаддæр. Дуканиты тæрхæджытыл, зæгъæн ис, æмæ бынæттон продукци нæ уыд. Битарты Вячеславы бардзырдмæ гæсгæ æртæ азмæ уавæр фæхуыздæр. Бæрæггæнæнтæ дыууæ хатты фæфылдæр сты. Хицауад фæнд кæны алы районы дæр хъæууон-хæдзарадон куыстуæттæ саразын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куыстуат «Молоко осетии» йы уаддзысты цыхты 10 хуызы
Категория:
Новости и СМИ