Цæгат Ирыстоны райдыдтой скъолаты 6 11 кълæсты ахуырдзаутæн профориентацион проектыл кусын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Скъоладзауты бон у сæхи алыхуызон дæсныйæдты бафæлварын. Дохтыр, сæрæлвынæг, ахуыргæнæг, дизайнер. Ахæм фадат сын фæци проект «Билет в будущее»-йы руаджы. Сывæллæттимæ кусынц ахуырадон фæзуæтты. Зонгæ сæ кæнынц дæсныйæдты сусæгдзинæдтимæ. Проекты бацарахайын сæ бон у 6-æй -11-æм кълæсты ахуырдзаутæн. Семæ кусынц лæвар. Хæдзары цы хостӕ хъуамæ уа, сæ хуызмæ гæсгæ цавæртӕ вæййынц, уый тыххæй скъоладзаутæн дзурынц медицинон площадкæйы. Сабитæ сæхи фæлварынц фармацевты хуызы. Сидахъаты Валерийæмæ уый цымыдисаг кæсы. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ фидæны дæсныйад равзарынæн ын ахæм ахуыртæ хорз æххуыс сты. Бирæ ног хъуыддæгтæ базыдтон. Медицинæимæ мæ царды баст никуы уыдтæн. Скъолайы фæстæ цы дæсныйад равзардзынæн, уый дӕр бæлвырдæй нæма зонын. Гæнæн ис, æмæ лингвист, дизайнер, архитектор, кæнæ медицинон кусæг уыдзынæн. Интернеты руаджы цы нырыккон кусæнгæрзтæй кусынц, уыдоны тыххæй та дзурынц ацы фæзы. Бонæй-бонмæ интернет адæмы царды фылдæр бынат ахсы. Зæгъæм, системæ «умный дом». Йæ руаджы хæдзары системæтæ æмæ кусæнгæрзтæ кусынц автоматикон æгъдауæй. Скъоладзаутæ лæмбынæг хъусынц. Чидæртæ дзы фидæны сæ цард сбæтдзысты информацион технологитимæ. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты байгом 34 къабазмæ гæсгæ ахуырадон фæзуаты. Се 'хсæн IT-технологитæ, спорт, фитнес æмæ физкультурæ, скъолайы ахуырад. Университеты 100 ахуыргæнæгæй фылдæр æххуыс кæнынц скъоладзаутæн сæхи алы дæсныйæдты бафæлварын. Ацы аз уæлдæр ахуыргæнæндоны фæзуæтты бынат ис 5 мин сабийæн. Сæрæлвынæджы дæсныйады сусæгдзинæдтæ чызджытæн æргом кæнынц ахуырадон цетр «Алонтæ»-йы. Æппæт зонындзинæдтæ дæр фидар кæнынц практикæйы хуызы. Скъоладзаутимæ кусынц 3 къабазмæ гæсгæ. Визаж, косметологи æмæ сæрæлвынæн дæсныйад. Алыхуызон дæсныйæдтимæ хæстæгдæр базонгæ уын скъоладзауты бон у проект «Билет в будущее»-йы руаджы. Республикæйы йæ æххæст кæнынц дыккаг аз. Йæ хæс у ахуырдзаутæн баххууыс кæнын сæ фидæны дæсныйад равзарынæн. Проекты бацархайыны фадат ис 6-ӕм къласæй 11-ӕм къласы онг сывæллæттæн. Уæлдæр æмæ астӕуккаг ахуыргæнæндæтты сын байгом кодтой 16 фæзуаты 100 къабазмæ гæсгæ. Ацы аз проекты фыццаг хатт архайы хицæн ахуырадон центр. Проекты регионалон оператор у республикон профессионалон цæттæгæнæн центр. Цæмæй скъоладзау йæхи бафæлвара, уый тыххæй хъуамæ йæ ныййарæгимæ проекты онлайн платформæйы регистраци скæна. Уый фæстæ йын сайты ратдзысты амындзинæдтæ, цавæр къабæзтæ йын хæстæгдæр сты, уымӕ гӕсгӕ. Проекты фæзуæттæ кусдзысты ноябры æмбисмæ. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны райдыдтой скъолаты 6 11 кълæсты ахуырдзаутæн профориентацион проектыл кусын

Категория:

Новости и СМИ