Дзæуджыхъæуы 1 æм маршруты фæндаггаг фæфылдæр 20 сомы онг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Ацы бонты Дзæуджыхъæуы 1-æм маршруты фæндаггаджы аргъ фæфылдæр 15 сомæй 20 сомы онг. Бæлцæттæ сæвзæрд хъуыддагимæ разы не 'сты. Фæлæ транспорты къабазы куысджытæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй æрмæст уæд сæ бон у сæ хæдтулгæтæ ногтæй баивын. 1-æм маршрутæй чи фæпайда кæны, уыцы бæлцæтты дисы бафтыдтой шофыртæ. Фæндаггагыл бафтыдтой фондз сомы. Афтæмæй 15 сомæй схызт 20 соммæ. Уæвгæ ацы маршрутыл лæггад кæны компани «ИР-ТРАНС». Фæлæ уавæр раиртасынмæ æмæ сæ хъуыдытæ зæгъынмæ нæ тагъд кæнынц. Фæнысан кодтой æрмæст уый, æмæ фæндаггаг фæфылдæр кæныны сæйраг аххосаг у - сæ хæдтулгæтæ ногтæй кæй баивтой, уый. Фарон компани самал кодта 5 ног автобусы, 18 бынаты кæм ис, ахæмтæ. Æмæ фæндаггаг кæй фæбæрзонддæр, уый фæахъаз уыдзæн сæ хæрдзтæ баххæст кæнынæн. Фæлæ бæлццæттæ ног æргътимæ разы не сты. Уавæр цæмæн афтæ рауад, уый тыххæй бахатыдыстæм республикæйы промышленность æмæ транспорты министрады специалисттæм. Дзуапдæттæг куыстуаты куыд загътой, афтæмæй тариф нысан кæнынц бæлццæттæ ласæн компанитæ сæхæдæг. Закъонмæ гæсгæ сын ис ахæм бар. Уавæр сæ хæрзтæй нæу. Ног тариф адæмы чыссæтыл фæзындзæн. Интернеты дæр ацы хъуыддагыл ис бирæ алыхуызон ныхæстæ. Фæлæ, æнæмæнг, хъæугæ фæрæз кæй у, уый зæгъынц транспорты къабазы кусджытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, 15 сомæй сæ хæрдзтыл нæ аххæсдзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы 1 æм маршруты фæндаггаг фæфылдæр 20 сомы онг

Категория:

Новости и СМИ