Чырыстон диныл хæст адæм сбæрæг кодтой ахсджиагдæр бæрæгбæттæй иу-доныскъæфæнтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

Куырттаты комы Алайнаг моладзандоны бæрæгбонмæ сты цæттæ. Кæд хъыст зымæг йæ тыхы бацыд, уӕддӕр уый уырнæг адæмы нæ уромы. Чырыстон дины агъдаумæ гæсгæ Дзуарфтыд донæн ис стыр тых. Сæрмагонд аргъуыды фæстæ бирæты бафæнды дзуæрттæфтыд доны бацæуын. Аргъуаны фæткмæ гæсгæ, уый æнæмæнг хъуыддаг нæу, у фæндонмæ гæсгæ. Уырнон адæм дзы æвдисынц се стыр æууæнкдзинад, стæй буар æмæ удыхъæдæй фидардзинад. Бæрæгбоны фæдыл моладзандон бабæрæг кодта хъуыстгонд спортсмен Саламты Алан. Къуххæсты спорты архайæджы ныхæстæм гæсгæ, доны ныххизыны размæ уал баур хъæуы бацæттæ кæнын. Хуыцауы дзуарæфтыды бæрæгбон ирон адæм хонынц доныскъæфæнтæ. Найæн бынæттæ бабæрæг кæнынмæ адæм сæ боны фæтк сбæлвырд кæнынц рагацау. Уырны сæ, ацы бон сæ буар æмæ сæ уд кæй ссыгъдæг кæндзысты, уый. Хæххон цæугæдоны хи найæн ис æрмæст æнæниз адæймагæн. Рагацау дзы арæзт æрцæуынц уавæртæ, цæмæй доныскъæфæнты рæстæг адæм æнцонтæй бацæуой доны æмæ сæхиуыл сыгъдæгзæрдæйæ дзуæрттæ бафтауой. Хи найыны фæстæ -- тæвд цай æмæ бæрæгбоны фынг. Адæм сæхи хъарм кодтой арты цур. Цай та хуымæтæг нæ, фæлæ, моладзаны нæлгоймæгтæ цы кæрдæджытæ сæмбырд кодтой, уыдонæй. Доныскъæфæнты республикæйы арæзт æрцыдысты сæрмагонд бынæттæ. Уыдон сты - Фыййагдоны нæлгоймæгты ӕмӕ Алагиры сылгоймæты моладзандонтæ, Сыгъдӕг Никъалайы номыл аргъуан Бирӕгъзӕнджы ӕмӕ Павлодольская станицӕйы аргъуаны. Ирвæзынгæнджытимæ иумæ бынæтты рад хастой мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ дохтыртæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv