Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады музейы ацыд сæрмагонд мадзал
Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады музейы ацыд сæрмагонд мадзал. Йæ сæйраг нысан - экстремизм æмæ терроризмы профилактикæ. Сбастой йæ терроризмы ныхмæ иудзинады бонимæ. Музеймæ фæхуыдтой Дзæуджыхъæуы æнахъом сывæллæтты хайад сæ хъус цы фæсивæдмæ дары, уыдоны. Хайады минæвар Мария Мурашко сывæллæттæн радзырдта экстремизмы профилактикæйы мадзæлтты тыххæй. Уыимæ ма скъоладзаутæ базыдтой æхсæнадон объектты æмæ транспорты зæрдæхсаинаг тыхтонты тыххæй æнæмæнг пъæлицæмæ фехъусын кæнын кæй хъæуы, уый. Хистæртæ ма сæ бафæдзæхстой, цæмæй интернеты тыгъдады экстремистон агитацимæ се "ргом ма "здахой. Лекцийы фæстæ фæсивæдæн музейыл сарæзтой экскурси. Базонгæ сæ кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты милиционерты лæгдзинадимæ. Мадзалы архайджытæн ма бавдыстой кинонывтæ терроризмы ныхмæ мадзæлтты чи архайдта, уыцы адæмы тыххæй. Кæронбæттæны суагътой урс уæлдæфон тымбылæгтæ теракты амæттæгты номыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады музейы ацыд сæрмагонд мадзал
Категория:
Новости и СМИ