Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгты цалцæг кæнынц фæндæгтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгты» фæлгæты Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгты цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Ацы аз базилдзысты 28 фæндаджы уаццагмæ. Куыстытæ цæуынц, сæ уавæр тæссагдæр кæмæн уыд, уыцы объектты. Арæзтад куыд цæуы, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры алфамблай цы уынгтæ с, уым куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Ацы фæндæгты уавæр сæ хуыздæртæй нæ уыд. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, сæ цалцæджы афон æрцыд. Фыццаг уал фехæлдтой раздæры уæлцъар, уый фæстæ сæвæрдтой ног къæйдуртæ, фистæгæй цæуджыты фæндæгтæ дæр банывыл кодтой. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй объектыл райдыдтой кусын иу мæй размæ. Кæронмæ йæ фæуынвæнд кæнынц 2 къуырийы æмгъудмæ. Бындуронæй ма ног фæндаг амайынц Весенняя уынджы. Хæдтулгæтæ дзы дзæвгарæй кæй цæуынц, уый аххосæй дзы арæх сæвзæры цæндтæ æмæ дзыхъхъытæ. Куыстытæ ам райдыдтой уалдзæджы, ныртæккæ сты сæ тæмæны. Тобойты Алан, Дзæуджыхъæуы муниципалон паддзахадон уагдон «Фæндаггон фонд»-ы сæйраг специалист: «Весенняя уынджы цы ног фæндаг аразæм, уый дæргъ у 1 километрæй гыццыл фылдæр. У 3 мерты уæрхæн. Уыдзæн дзы æртæ уадздзаджы хæдтулгæты цæуынæн. Уый фæрцы фæндаггон змæлды æдасдзинад фæхуыздæр уыдзæн». Проектмæ гæсгæ дзы сифтонг кæндзыстæм ног светофортæ æмæ рухсдæттæн системæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй куыстытæ хъуамæ фæуой ацы азы кæронмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгты цалцæг кæнынц фæндæгтæ

Категория:

Новости и СМИ