Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц - 1578 адæймаджы
Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц - 1 578 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та у 2 738 адæймаджы. Тагъд æххуысы Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 363 пациенты. 23 -мæ коронавирус сбæрæг кодтой. Рынчынтæй 25 сты улæфæн аппаратты бын. Сывæллæтты Республикон Клиникон Рынчындоны инфекцион корпусы ис 20 сывæллоны æмæ 16 хистæр кары адæймаджы. Коронавирус дзы рабæрæг кодтой 2 сывæллонмæ. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 202 адæймаджы. Референц-центры коронавирус кæмæ сбæрæг кодтой уыдоны нымæц у 3 адæймаджы. Улæфæн аппаратты бын сты 8 адæймаджы. Æрыдоны рынчындоны ис 6 адæймаджы, covid дзы рабæрæг дыууæмæ. Рахизфарсы районы сæйраг рынчындоны 15, уыдонæй референц-центрæй бæлвырдгонд хатдзæгтимæ рынчынтæ сты 2 адæймаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц - 1578 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ