Мартъийы райдианæй джыбыты хæцтытæй хъыгдæрд баййæфтой 56 адæймаджы
Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени фехъусын кодта цы кæнгæ у, æмæ хи куыд дарын хъæуы джыбыйы хæцты фæстæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ мартъийы райдианæй тугцъир лыстæг сасчъытæй хъыгдæрд баййæфтой 56 адæймаджы. Уыдонæй 22 цыппæрдæс азы кæуыл нæма сæххæст, ахæм сывæллæттæ. Иу къуыримæ низтæ парахатгæнæг джыбыты хæцтытимæ медицинон кусæндæттæм æххуысмæ бахатыд 12 адæймаджы. Инфекцион низтæ профилактикæйы тыххæй, республикæйы скъолаты, рæвдауæндæтты æмæ улæфæн бынæтты специалисттæ аразынц акарацидон буаргъæдæй дезинфекци. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мартъийы райдианæй джыбыты хæцтытæй хъыгдæрд баййæфтой 56 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ