РЦИ-Аланийы парламенты советы æмбырды æрныхас кодтой закъоны проекттæм хаст ахсджиаг ивддзинæдтыл
Цæгат Ирыстоны фæфылдæр уыдзæн, хъомыл кæнынмæ сывӕллон цы бинонтæ райстой, уыдонæн фиддонтæ. Уыдзысты цæрынæн æппынкъаддæры æхцайы бæрц. Ныртæккæ уыцы æххуыс у 4 мин 200 сомы. Регоины цæрынæн нысангонд æппынкъаддæр æхцайы бæрц та у 10 889 сомы. Парламенты депутаттæ хъæппæрисмæ æркæсдзысты сентябры кæрон. Ныхас цыд амалхъомады рæзты фарстатыл. Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады минæвæрттæ паддзахадон æххуысы фæтк æмæ уагæвæрд куы фехалой, уæд 3 азы дæргъы сæ гæнæнтæ уыдзысты цыбыргонд. Фæрæзтæ цæмæн рахай кодтой, ууыл хардзгонд куы не 'рцæуой, стæй раст информаци куы нæ бадӕттой, уæд. Уагхæлдтытæ нысангонд æмгъуыдмæ куы аиуварс кæной, уæд æххуыс райсыны гæнæнтæ нӕ фӕкъаддӕр уыдзысты. Депутаттæ ма æрныхас кодтой 2021 æмæ 2022-2023 азтæм республикæйы бюджеты фæдыл закъонмæ бахӕсгӕ ивддзинæдтыл. Уæлæмхасæн фæрæзтæ рауӕлдай кæндзысты медицинон уагдæтты лабораториты ифтонгадæн стæй коронавирусæй рынчынтæн хостæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv