Ахæм хабæрттæ // 17 июня 2020
Октябрьскæйы хъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыцы хæстонтæн байгом кодтой цыртдзæвæн. Ацы хъуыддаг ахсджиаг у рæзгæ фæлтæры хъомыладæн. Кадджын мадзалы тыххæй чысыл фæстæдæр. Уæрæсейы Фæлхасгæнджытæм цæстарды управлени æмæ Октябрьскæйы бынæттон администрацийы кусджытæ сарæзтой рейд дуканитыл. Санитарон-эпидемиологон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, æмæ цавæр хатдзæгтæм æрцыдысты? Уый баззыдтам. Гом арвы бын рагон кинонывтæм бакæсæн. Ахæм фадат фæзынд нæ республикæйы алы цæрæгæн дæр. Уазджыты бон у рагагъоммæ равзарын социалон хызæгты, цавæр киномæ кæсдзысты, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 17 июня 2020
Категория:
Новости и СМИ