Гæлиаты æхсæрдзæны цур фæзынд ног арт объект хъисын фæндыр
Гæлиаты æхсæрдзæны цур фæзынд ног арт-объект - хъисын фæндыр. Национ парк «Алания»-йы фæзуатыл æй сæвæрдтой сфæлдыстадон æрмадз «Mah Kond»-ы минæвæрттæ. Скульптурæ конд у дæсны Моурауты Сослан цы инструменттæ арæзта, уыдонмæ гæсгæ. Моурауты Сослан сæндидзын кодта 8 национ инструменты. Экспонаты бæрзæнд у 5 метры. «Обустройство мест показа» мадзæлтты фæлгæты Цæгат Ирыстоны туризмы комитеты хъæппæрисæй фæзындзæн 10 ахæм арт-объекты. Уый размæ сæвæрдтой Нарты Сосланы, скифаг акинак, кæсæнæй конд фыранк æмæ сыкъайы хуызы бандон. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гæлиаты æхсæрдзæны цур фæзынд ног арт объект хъисын фæндыр
Категория:
Новости и СМИ