Хуымæллæджы адæмон театр кусы 1930 æм азæй нырмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

Æнусмæ 'ввахс сценæйæн лæггад кæнын. Нæ республикæйы рагондæр адæмон театртæй иу - Хуымæллæджы театрæн 1930-æм азæй нырмæ йæ куыст бон дæр нæ фæкъуылымпы. Галазты Æхсабрег, Кæсæбиты Митя æмæ ма бирæ æндæр зынгонд адæм сфæлдыстадон къахдзæфтæ акодтой сæ хъæуы театры. Абоны хæдахуыр актертæ уымæй сты сæрысты. Куыд цæуы адæмон театры æрвылбоны куыст, уый федта нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæ. Æмæ кæд Хъулаты Якимыл 82 азы цæуы, уæддæр сценæйыл у цæрдæг æмæ алыхуызон æнкъарæнтæй æххæст. Театрдзау æмбаргæ дæр нæ бакæнид, спектаклы хæдразмæ артист уæззау куыст кæй кодта. Уæвгæ, фæскуыст культурæйы галуанмæ йæ фæндаг кæддæридæр вæййы рог. Афтæ домы сфæлдыстад, зæгъы Хъулаты Яким. Фыццаг хатт сценæмæ рацыд 69 азы размæ. Хуымæллæджы театр йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта 1930-æм æзты. Уæд спектаклты цы æвзонг фæсивæд архайдта, уыдон се 'ппæт дæр уыдысты хæдахуыр. Афтæмæй театр банымадтой адæмоныл. Ныртæккæ дзы архайы 12 адæймаджы. Сæ иумæйаг нысан - хъæуы цæрджыты зæрдæтæ барухс кæнын. Æндæр ран уæвгæйæ та - Хумæллæджы кад дæлæмæ ма руадзын. Абон театр нымад у республикæйы рагондæр адæмон театртæй иуыл. Се сфæлдыстадон къæбиц хъæздыг у алыхуызон спектаклтæй. Къорды æдзух биноныгæй кусынц ногтыл дæр. Æнувыд æмæ æнгом куысты руаджы архайынц театры ном дæлдæр ма руадзыныл. Калоты Дзерассæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv