Цæгат Кавказы фæсивæдон ахуырадон форум «Вектор спасения – Кавказ»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Цæгат Кавказы Фæсивæдон ахуырадон форум «Вектор спасения – Кавказ»-ы архайынц суинаг ирвæзынгæнджытæ æмæ бархионтæ нæ республикæйæ æмæ Уæрæсейы иннæ регионтæй. Форум арæзт у 2 къæпхæнæй. Фыццаг уал архайджыты зонгæ кæнынц теориимæ. Уый фæстæ сæ зонындзинæдтæ æвдисынц практикон хуызы. Ахуыртæ аразынц Цъæйы. Бæлвырддæр Дзæдзойты Фатимæ радзурдзæн. Ам цы уавæр æвдыст цæуы, уый арæх æрцæуы. Адæймаг фæсур и. Фæлтæрдджын инструктортæ студентты-ирвæзынгæнджыты ахуыр кæнынц фыццаг æххуысы техникæйыл. Архайын хъæуы тагъд, фæлæ арæхстгай. Сæйрагдæр у у адæймаджы цард. Фыццаджыдæр хъæуы улæфтмæ байхъусын. Уыцы рæстæг иннæ къорд ахуыр кæны зæрдæ æмæ рæуджыты реанимаци раст скæныныл. Зæрдæ куы æрлæууы йæ куыстæй, уæд æй фæстæмæ скусын кæнын зын хъуыддаг у. Ахсджиаг у, цæмæй адæймаджы уавæр ма февзæрдæр кæнай. Арина Ишбулатова форуммæ ссыд Башкортостанæй. Куыд зæгъы,афтæмæй инструктортæ хорз æмбарын кæнынц. Ахæм уавæрты архайын хъуамæ алы адæймаг дæр зона. Æз ацы форумы фыццаг хатт архайын. Цæгат Ирыстоны дæр фыццаг хатт дæн. Ам æрдз æмæ горæты уынгтæ тынг рæсугъд сты, сыгъдæг уæлдæф. Абон пъланмæ гæсгæ ахуыр кæнæм адæймагæн фыццаг æххуыс бакæныныл. Мæнмæ гæсгæ, алы адæймаг дæр хъуамæ зона ацы хъуыддаг. Фæсивæдон ахуырадон форум «Вектор спасения – Кавказ» Цæгат Ирыстоны арæзт цæуы ныр дыккаг аз. Мадзал аразджытæ - Уæрæсейы фæсивæды агентад, Æнæхъæлæджы уавæрты министрад æмæ Æппæтуæрæсеон студентты-ирвæзынгæнджыты корпус. Нæ бæстæйы алы горæттæй Цъæймæ сцыд 100 архайæгæй фылдæр. Форумы фæстаг къæпхæн - ахуыртæ. Фæсивæды адих кæндзысты цалдæр къордыл æмæ кæсдзысты, æнæнхъæлæджы уавæрты сæхи куыд æвдисдзысты, уымæ. Æрыгон ирвæзынгæнджытæ зынгсирвæзты фæстиуджытæ иуварс кæндзысты, уыимæ ма сæм цы зонындзинæдтæ фæзынд, уыдонæй практикæйы хуызы пайда кæндзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Кавказы фæсивæдон ахуырадон форум «Вектор спасения – Кавказ»

Категория:

Новости и СМИ