Меняйло йæ хъуыды загъта Донецк æмæ Луганск Уæрæсе хæдбар республикæтыл кæй банымадта, уыцы фæдыл
Донецк æмæ Луганск Уæрæсе хæдбар республикæтыл кæй банымадта, уыцы историон цауы фæдыл йæ хъуыдытæ загъта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Куыд бафиппайдта афтæмæй ахæм бардзырд бафыссын, уыд æппæтæй растдæр. Ома уырыссаг адæмы бахъахъхъæныны нысанимæ. 2008-æм азы нæ бæстæ хæдбар паддзахадтыл банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхази. Афтæмæй бантыст республикæты цæрджыты бахъахъхъæнын. Уымæн æмæ адæмы сабирдзинад у æппæтæй ахсджиагдæр, загъта Сергей Меняйло. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv