Йæ Фыдыбæстæ æгæронæй уарзы
Максим Кузнецовæн Фыдыбæстæ уарзын йæ туджы ис. 19-аздзыд æрыгон лæппу архайы адæмæн æххуыс кæныныл. Фæнды йæ, цæмæй кæстæртæ патриотизмы зондыл хæст уой. Йæхимæ ис бирæ пълæнттæ. Фæнды йæ ахуыры бæрзæндтæм схизын. Бæлвырддæр хабæрттæ базыдта нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ. Уымæн ныхасы бар. Максим Кузнецовыл кæд 19 азы йеддæмæ нæ цæуы, уæддæр йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Цалынмæ Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы ахуыр кодта, уæдмæ æнтыстджынæй архайдта æхсæнадон куысты. Уыимæ ма, схызт спорты бæрзæндтæм дæр. Максим Кузнецов: «Спорт бирæ уарзын. Уæлдай дæр – та баскетбол. Æмæ мæ бафæндыд, раззагдæрты 'хсæн куыд уон, афтæ. Иу ныхасæй, архайдтон техникумы æхсæнадон царды райрæзтыл». Максим Кузнецов йæ фыдæй базыдта, хъазахъхъæгтæ кæй сты, уый. Лæппуйы бафæндыдис уый тыххæй бæлвырддæр базонын. Максим Кузнецов: «Æз мæ фыдимæ баныхас кодтон, цæмæй хъазахъхъæгты къордмæ бацæуон. Куыд рабæрæг, афтæмæй мах хауæм Теркаг хъазахъхъæгтæм. Æмбæлгæ ’гъдауæй бахаудыстæм сæ къордмæ, æмæ райдыдтам Теркаг хъазахъхъæгты къорды архайын». Максим Кузнецовы фæнды æфсадмæ ацæуын. Уый фæстæ та ма фæнд кæны контрактмæ гæсгæ службæ кæнын. Лæппумæ фидæнмæ бирæ пълæнттæ ис. Куыд нын радзырдта, афтæмæй йын ныртæккæ сæйрагдæр у, цæмæй адæм æнгом уой æмæ сæм патриотизм уа. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Фыдыбæстæ уарзын Максимæн йæ туджы ис. Теркаг хъазахъхъæгтæ æппынæдзухдæр æххуыс кодтой адæмæн. Уыцы хъуыдытæ Максимæн æнæвгъауæй æмбарын кодтой йæ бинонтæ дæр. Александр Григорьев, Дзæуджыхъæуы хъазахъхъæгты Теркаг æхсæнады атаман: «Тынг хорз лæппу у Максим. Фæнды йæ хъазахъхъæгты тыххæй базонын. Уый фæзмынгæ хъуыддаг у. Кæд нæ æхсæнад нырма чысыл рæстæг кусы, уæддæр архайæм, цæмæй нæм чи æрбацæуа, уыдон хуыздæрмæ тырной. Æхсызгонæй кусæм æрыгæттимæ, архайæм сæ хъомыладыл». Максим ныртæккæ хъуамæ йæ гæххæттытæ радта цалдæр уæдлæр ахуыргæнæндонмæ. Уыимæ ма йæ фæнды, цæмæй хъазахъхъæгты тыххæй фылдæр æрмæг уа. Цы æхсæнад сæм ис, уымæ та фылдæр адæм куыд цæуа, афтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Йæ Фыдыбæстæ æгæронæй уарзы
Категория:
Новости и СМИ