Æпптуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ гуырæн боны арфæтæ ракодтой фæллойы ветеран Гобаты Зæликкæйæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

Æпптуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ кадджын уавæрты бæрæгбоны арфæтæ ракодтой Гобаты Зæликкæйæн. Ацы аз сбæрæг кодта йæ 100 азы юбилей. Зæгъын хъæуы уый, æмæ юбиляр йæ хъæбатырдзинад æмæ куыстуарзондззинадæй фæсивæдæн у дæнцæгæн хæссинаг. Царды зындзинæдтæ йæ не`ртасын кодтой. Хуыцау та йын бирæ царды бонтæ сныв кодта, кæстæртæм хистæры фарн сыгъдæгæй хæццæ кæнынæн. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Гобаты Зæликкæйы зæрдыл арæх æрлæууынц, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Советон адæм цы зындзинæдтæ баййæфтой, уый. Зæлликкæйы бинонтæ бирæйæ уыдысты, æрмæст сывæллæттæ дзы уыд 16. Сæ хæдзарæй авдæй ацыдысты Фыдыбæстæ бахъæхъхъæнынмæ. Хъыгагæн, æхсæзæй   фæстæмæ нал сыздæхтысты. Æрыгон чызджы уæхсчытыл æрæнцад хæсты уæззау къух æмæ иннæтимæ къахта танктæн акъоппытæ. Хæсты фæстæ ссæдз азæй фылдæр бакуыста хуыйджыты фабрикæйы. Фæлæ йын мызд фаг кæй нæ фыстой, уымæ гæсгæ ацыд Грознамæ, фæндаджы уæлцъар ивыны куыст кæнынмæ. Йæ фæллойадон стаж у 40 азæй фылдæр. Ныридæгæн Тотырбеджы чызг зæрдиагæй цин кæны йæ кæстæртыл, йæ бон куыд у, афтæ сæ рæвдауы. Уыдон дæр сæ нанайыл тынг æнувыл сты. Ацы аз бæрæг кæны йæ сæдæ азы юбилей. Лæвæрттæ æмæ арфæйы ныхæстимæ йын йæ дуар бахостой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ. Уыдон уæлдай кадыл банымадтой абон Заликкæйы фарсмæ æрбалæууын. Цард афтæ рауад, æмæ Зæликкæйæн хи цот нæ рацыд. Иунæгæй цæры йæ хæдзары. Фæлæ йæ бирæ хиуæттæ æнкъард кæнын нæ уадзынц. Æрвылбон дæр æй бæрæг кæнынц. Сæ кадджын хистæры юбилеймæ, раздæрау, æрбамбырд сты уарзон адæм. Зæликкæ сыл йæ фæлмæн цæстæнгас æмæ мидбылхудтæй барæвдыдта æмæ бузныджы ныхæстæ загъта. Абон Гобаты Зæликкæйы номыл хъуыстыты амæй-ай рæсугъддæр æмæ зæрдæбындæр арфæтæ. Иуылдæр ыл дзæбæхæй сæмбæлæнт. Хуыцауы цæст та йын фидар æнæниздзинад бауарзæд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æпптуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ гуырæн боны арфæтæ ракодтой фæллойы ветеран Гобаты Зæликкæйæн

Категория:

Новости и СМИ