1505 адæймаджы рынчын сты коронавирусæй Цæгат Ирыстоны
Коронавирусæй рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны ацы сахатмæ у 1505. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 69 адæймаджы. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени. Рынчынтӕн медицинон ӕгъдауӕй ӕххуыс кӕнынц дохтыртӕ. Лӕмбынӕг цӕстдард цӕуы, рынчынтӕ хӕстӕг кӕимӕ ӕмбӕлыдысты ӕмӕ ныхас кӕимӕ кодтой, уыдонмӕ дӕр. 266 адæймаджы коронавирусæй сдзæбæх сты. Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц - 1 824 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та у 2 937 адæймаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
1505 адæймаджы рынчын сты коронавирусæй Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ