Дзæуджыхъæуы йа куыст райдыдта фæсивæдон форум
"Æрыгон специалист - фидæн аразæг". Дзæуджыхъæуы райдыдта фæсивæдон форум. Йæ фæзтыл архайынц студенттæ, скъоладзаутæ æмæ эксперттæ - 600 адæймагæй фылдæр æгас бæстæйæ. Уазджытæм æнхъæлмæ кæсынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, лекцитæ æмæ ахуырадон сесситæ. Программæ цæудзæн 2 боны - практикон архайд æмæ фембæлдтытæ бæстæйы раззагдæр специалисттимæ. Мадзаларазджыты хъуыдымæ гæсгæ, форумы руаджы къабазмæ раздахдзысты фылдæр фæсивæды 'ргом, уыимæ æрыгон архитектортæн фадат ратдзæн фидæны куыстдæтджытимæ æмбæлынæн æмæ комкоммæ ныхас кæнынæн. Форум арæзт цæуы Уæрæсейы арæзтады министрады æххуысæй Архитектурæйы афæдзы фæлгæты. Архайджытæн раарфæ кодта Сергей Меняйло. Сæргълæууæг фæнысан кодта, горæтаразджыты фæлтæр у æгас бæстæйы фидæн.
Название:
Дзæуджыхъæуы йа куыст райдыдта фæсивæдон форум
Категория:
Новости и СМИ