Джиоты бинонты хæдзар басыгъд газы срæмыгъды аххосæй
Джиоты бинонтæн Беслæнæй ныртæккæ æнцон нæу. Февралы кæрон сæ хæдзары æрцыд срæмыгъд æмæ сæ цæрæн бынат басыгъд. Цæсты фæныкъуылдмæ бæстыхайæ ницыуал аззад. Ныртæккæ бинонтæ сты сæ хæстæджытæм. Джиоты тухæнты тыххæй – нæ дарддæры æрмæг. Дыууæ къуырийы разма ма ам уыд цæрæг хæдзар. Амондджынæй дзы сж бонтæ `рвыстой Джиоты бинонтæ. Фæлæ 27-æм февралы сæ цард срæмыгъта. Алы нысаниуæджы дæр... Æхсæвы, газ кæй уагъта, уый аххосæй сæ хъармгæнæн ныггуыпп кодта. Цы 'рцыд, уый бинонтæ фыццаг æмбаргæ дæр нæ бакодтой. Хæдзары сæр басыгъд цалдæр минутмæ æмæ ма агъуыстытæй иуы хаугæ дæр æркодта. Агъуысты уæд уыди бинонты хистæр Джиоты Æхсарбег. Фæцæфтæ ис æмæ йæ рынчындоны, хъыгагæн, йæ адзал æрæййæфта. Ныртæккæ йæ 5 сывæллоны сты сæ хæстæджытæм. Фæнды сæ сæ хæдзар сног кæнын æмæ фæстæмæ уым æрцæрын. Джиоты Марк: «Ныртæккæ цæрæм мæ фыды 'фсымæрмæ. Нæ бинонтæ се 'ппæт дæр. Рæстæгмæ уал, цалынмæ нæ хæдзар цалцæг кæнæм, уæдмæ. Фæнды нæ къултæ ссыгъдæг кæнын, стæй уæд æппæт куыстытæ райдайдзыстæм». Джиоты бинонтæн æххуыс кæнынц Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ, бирæсывæллонджын бинонты иугонды уæнгтæ, стæй республикæйы амалхъом адæм. Анзор Карданов, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты фæсивæдон къорды координатор: «Балхæдтам сын хъарм уæлæдарæс, дзабыртæ. Куыд нæ бон у, афтæ сын æххуыс кæнæм. Мæнæ лæппутимæ æрбацыдыстæм, цæмæй сыгъд хæдзар райхалæм. Амайын дæр æй райдайдзыстæм». Бинонты фарсмæ балæууыдысты Рахизфарсы районы администрацийы минæвæрттæ дæр. Мырыкаты Хъазыбег, Рахизфарсы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Джиоты бинонтæн, æнæмæнг, баххуыс кæндзыстæм. Администраци уыцы хъуыддагыл кусы. Ныртæккæ уал сын æххуыс кæнæм бынат бафснайынæй. Фæкæсдзыстæм сæм сæ документтæ сног кæнынæй дæр. Нæ цæст сæм дардзыстæм». Беслæны 1-æм скъолайы теракты фæмард Джиоты хистæр сывæллон. Ныр дæр да бинонтыл сæ цард ног уаргъ авæрдта æмæ та сæ хъысмæты цур фæлварæн дæттын бахъуыд. Хæблиаты Хъазыбег, Беслæны администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Мах сын æххуыс кæнæм, æмæ дарддæр дæр кæндзыстæм, куыд горæты разамынд, афтæ районы дæр. Сног сын кæндзыстæм доны, газы æмæ электрон тыхы хæтæлтæ. Ацы хъуыддæгтæм лæмбынæгæй кæсæм». Джиотæ сæ хæдзары рацарæзтыл сæхæдæг нæ аххæсдзысты. Кæд ахæм адæм ис, æмæ баххуыс кæнын кæй фæнды, уæд уыдонæн сæ бон у Æппæадæмон фронтмæ бадзурын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Джиоты бинонты хæдзар басыгъд газы срæмыгъды аххосæй
Категория:
Новости и СМИ