Дзæуджыхъæуы байгом спортивон хъæбысхæсты тренеровкæтæгæнæн центр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

Олимпаг бæрзæндтæ фæхæстæгдæр сты. Дзæуджыхъæуы байгом тренеровкæтæ кæнæн центр спортивон хъæбысхæстæй. Æрыгон спортсментæн фадат фæцис нырыккон уавæрты грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй, дзюдо, фехтовани, волейбол æмæ баскетболæй архайынæн. Центры уæлахизтæм тырндзысты 100 сывæллоны. Тренеровкæтæ кæнынæн — фондз нырыккон залы. Ног уавæртæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй, дзюдо, фехтовани, волейбол æмæ баскетболæй архайынмæ. Спортивон хъæбысхæстæй цæттæгæнæн бирæвæрсыг центры уыцы иу рæстæг сæ бон архайын уыдзæн сæдæ спортсменæн. Ног гæнæнты тыххæй æхсызгонæй дзурынц центры хъомылгæнинæгтæ. Центры кусынæн æмбæлгæ уавæртæ ис тренертæн дæр. грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй богæлттæн та ахæм егъау æмæ æмбæлгæ уавæртимæ зал у сӕ фыццаг. Абон 15 спортивон объекты байгом кодтой нæ бæстæйы 12 регионы. Уый къухы бафтыд федералон проект «Спорт - норма жизни»-йы фæлгæты. Кадджын мадзæлтты трансляци ацыд онлайн-хуызы. Регионты разамонджытæ комкоммæ бастдзинады фæрцы кæрæдзийæн арфæ ракодтой. Арфæйы ныхæстимæ ма мадзалы архайджытæм фæсидт нæ бæстæйы хицауады сæрдары хæдивæг, президенты уынаффæгæнæг æмæ Уæрæсейы спорты министр. Кадджын уазджыты 'хсæн республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Тренеровкæтæ кæнæн центрæн йæ фæзуат у 3 мин квадратон метры. Æххæстæй цæттæ у скусынмæ. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй фидæнмæ пълæнтты ма ис ноджы иу ахæм центр байгом кæнын. Саразын физкультурон- дзæбæхгæнæн комплекс, йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы спортсментæн, æмæ спорты бирæвæрсыг галуан. Регионы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, объект арæзт уыдзæн дунеон æмвæзадыл. Техникон гæххæттытыл куыст ныридæгæн цæуы. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй спорты архайыны фадат хъуамæ алкæмæндæр уа. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv